26.ЧЕСЕЛТГОМ ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ХÆСТМÆ

26.ЧЕСЕЛТГОМ ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ХÆСТМÆ
Рафыссын
Æнæхъæн Чеселтгомы сæдæйæ фылдæр не ’рæмбырд уыдаид хæстхъом топпæхсджытæ. Æмбырды фæстæ ма дзы схæцынвæнд кæмæ уыд, уыдон та бынтон цъус уыдысты. Æххуыс дæр сæм никуыцæй æрцыдаид. Фыдæлтæй фæстæмæ алчи йæхи хæдзары цур, бирæбирæ мыггаджы сæрыл мæсыгæй хæцын ахуыр уыди æмæ æндæр мыггаг, æндæр хъæубæстæ, уæлдайдæр, æндæр коммæ хæцæг-æххуысæн æрмæст иугай сæруæлдай адæм цыдысты — Ака æмæ Хъуырманы хуызæттæ, комфæдисæттæ.
Фæсивæд кæддæриддæр хæстмæ цæттæдæр сты, лæджыгъæд, хъæбатырдзинад равдисыны охыл, тохы фыдæвзарæн баййафыны охыл. Фæлæ ныр фæсивæды хуыздæртæ дæр устыты, зæрæдты, сывæллæтты, хъæубæсты фæллой бахъахъхъæныныл бафтыдтой, æмæ æфсады ныхмæ хæцæг нал баззад. Хъуамæ Бикойтæ, Цъамад æмæ Майрæмы фæсивæд сивгъуыйой хъæдмæ Дзанджы фæдыл. Чеселт, Дзабиты хъæу æмæ Дыууæдонастæуы лæппутæ ацæуой Зикъарайы ’рдæм Солтанимæ. Хъолайы фæсивæд акæной хъæубæсты Хуыры коммæ, Тъæпæн æфцæгыл Лет æмæ Хъеуселтмæ. Æмæ ныр алыран сæхи цæттæ кодтой лидзæг адæмы æфсадæй бахизынмæ: цыргъагæй кæмæ цы уыд — ссадта йæ, æхсæнгæрзтæ сæрфтой, ифтыгътой, топпыхос æмæ нæмгуытæй сæхи ифтонг кодтой.
Фæндыдис Бегайы мæсыгмæ схизын, фæдисы арт ссудзын, фæлæ кæмæ фæдис кæна?.. Адæмæй хæцын кæй фæндыд, уыдон иннæты хъахъхъæнæг ныллæууыдысты. Кæй нæ фæндыд, уыдон сæ фæллой æмбæхстой, семæ хæссинаг цы уыдысты, уыдон бастой æмæ сæхи цæттæ кодтой лидзынмæ. Кæмæ ма фæсида? Арвæй зæххастæу ын æххуысгæнæг ничиуал разындзæн. Кæд ма Уастырджы?.. Æмæ уымæн хæсты размæ бафæдзæхсдзæн йæхи.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0