27. МÆСЫГ

27. МÆСЫГ
Рафыссын
Бега æппæтæн æнхъæл уыд, фæлæ Хъæндил хæцынмæ ’рцæуа, уый йæ никуы бауырныдтаид. Чындзæхсæвы ма балæууа æд уадындз, уый йæ куыд нæ бауырныдтаид, афтæ.
— Бæгæны кæд не ’рбахастай, Коцон? — буц номæй йæм бадзырдта Бега.
— Бæгæны? Æмæ исчи рæуæды размæ сылы хæссы? Нæ, ме ’фсымæр, бæгæны мæхæдæг æркъуырдтон, фæлæ ма мæм мæнæ ацы чыссæйы хъæдуры гагатæ аззад,— топпыхос æмæ нæмгуыты хæлын хызын æрæппæрста, — æмæ ноджы мæнæ мæ фыды арахъхъуадзæн хæтæл, — йæ топпы хæтæл армы тъæпæнæй рæвдаугæ асæрфта.
— Ды дæр хæцынмæ кæд нæ рацыдтæ, Хъæндил, æцæг? — бафарста Хъуырман.
— Хæцынмæ? Нæ, æдылы нæ дæн, лæвæрттæ кæнынмæ, — фæхъыг ис Хъæндил.
— Хъазгæ ма кæн, — фæтызмæг Бега, — нæ фыды фыртæй ма иу ды аззадтæ æмæ ды дæр ам æрбалæуу. Æмæ уæд развæлгъау арт бандзæрстаис хæдзæрттыл.
— Артæндзарæг уыдзæн æнæуый дæр, — ныр æцæг фæхъыг ис Хъæндил, — фæлæ уæм куыд кæсын, афтæмæй сымах уæхицæй дарддæр лæгæнхъæл никæмæн стут.
— Уый та цæмæн зæгъыс, Хъæндил? — фефсæрмы Хъуырман.
Бега фæхатыд, Хъæндилимæ æндæр хуызы дзурын кæй хъуыд, йæхимæ рамæсты, фæлæ æнæхъыгæй та Хъæндилæн аздахæн нæ уыд.
— Тæргæйттæ цы кæныс? Мах дæр ын йæ цæхджынтæ куынæ хæрæм. Æз хъазгæ нæ кæнын. Мыййаг, исты, уæд сидзæртæм мæ фыд Хъарадзау кæсдзæн?
— Бега, иумæ схъомыл стæм, æмæ йæ зоныс, æмгæртты ’хсæн хылтæ дæр нæ уарзтон. Фæлæ ныр æндæр хабар у æмæ Хъæндил йæхи не ’мбæхсы. Йæ иунæджы сидзæрыл хъæцын дæр бафæраздзæн, ды сыл куыд хъæцыс, афтæ. Æниу, цы, æфсад бирæ сты, æз дæр искуы мæ фаг ссардзынæн... Хæрзæхсæвтæ раут, уæ райсом — уæхи фæндиаг. Бега, мыййаг, исты, уæд-иу мах бинонты дæр ма ферох кæн. Хъуырман, чыссæ уæ бахъæудзæн, уадзын æй, мæнмæ ма дзы иу ахæм ис, — Хъæндил фæстæмæ асиныл фæуырдыг.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0