Хуссар Иры Гарзджын тыхтæн райдыдта æфсæддон цæттæдзинады къуыри

© AP Photo / Czarek SokolowskiВоеХуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæн райдыдта æфсæддон цæттæдзинады къуыри
ВоеХуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæн райдыдта æфсæддон цæттæдзинады къуыри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, республикæйы Гарзджын тыхты æфсæддон цæттæдзинады къуыри кæй райдыдта. Мадзалы рæстæджы æфсæддонтæ бакусдзысты сæ æмгуыстады гъæдыл сабыр уавæрæй хæстон уавæрмæ ахизыны рæстæджы.
"Зымæгон периоды райдайæнимæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты райдыдта æфсæддон цæттæдзинады къуыри", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны куыд бахахх кодтой, афтæмæй æфсæддон цæттæдзинады къуыри фæуыдзысты республикæйы Гарзджын тыхты сæрмагонд ахуырадон фæдисы сигналæй растын кæнынæй.
"Мадзæлтты комплексы цæуы сæрмагонд сконды æрбамбырд ахуырадон фæдисы сигналмæ гæсгæ, хæцæнгарз хъахъхъæныны уаты цы хæстæрмæг æмæ ифтонгад ис, уыдоны ралæвæрд, техникæйы райст хъахъхъæнынæй æмæ йæ цæттæкæнынад тыгуыр кæныны районтæм", - бафтыдтой Хъахъхъæнынады министрады.
Ахуыртæ цæуынц æфсæддон уагдоны фæткдаруаты хистæр офицерты цæстдарды бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0