Æмгуыстад æрнывыл кæнын: Цхинвалы мэр БРИКС форумы хайадисыны нысаны тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanÆмгуыстад æрнывыл кæнын: Цхинвалы мэр БРИКС форумы хайадисыны нысаны тыххæй
Æмгуыстад æрнывыл кæнын: Цхинвалы мэр БРИКС форумы хайадисыны нысаны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. БРИКС паддзахадты Æхсæнадæмон муниципалон форумы Санкт-Петербурджы Хуссар Ирыстоны хайадисты сæйраг нысан уыд республикæйæн ног потенциалон партнерты ссарын, куыд уæрæсейаг горæтты, афтæ фæсарæйнаг паддзахадты ᾿хсæн. Уый тыххæй Sputnik загъта горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Къацты Гено.

"Мах æмбæлдыстæм, ныхас кодтам, цымыдис кодтам æндæр горæтты цы ногдзинæдтæ ис, уыдонæй кæцытæй спайдагæнæн ис нæхимæ. Бантыст базонгæ уын бирæ цымыдисон адæмимæ", - радзырдта Къацты Гено.

Цхинвалы мэр банысан кодта, бæстонæй кæй æрныхас кодта белоруссаг горæт Гроднойы мэр Борис Федоровимæ, афтæ ма ирон æмбæстагады къухдариуæггæнæг Санкт-Петербурджы Наниты Петримæ.
Къацты Гено бафтыдта, Хуссар Ирыстон дарддæр дæр хайад кæй исдзæн ацы форумы.
БРИКС паддзахадты IV æхсæнадæмон муниципалон форум ацыд Санкт-Петербурджы 2022 азы 24-26 ноябрмæ. Хайад дзы райстой 36 хæдбар паддзахады.
Ног хабӕртты лентӕ
0