Мæскуыйы раргом кодтой колумбиаджы хъуыддаг, кæцы парахат кодта фейктæ УФ æфсады фæдыл

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Фæдагуырды комитет
Уæрæсейы Фæдагуырды комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Уæрæсейы Фæдагуырды комитет балхынцъ кодта Колумбийы æмбæстаг Альберто Энрике Хиральдо Сарайы фæдыл уголовон хъуыддаг, кæцыйы азымджын кæнынц фейктæ парахат кæныны Уæрæсейы Гарзджын тыхты фæдыл америкæйаг компанийы заказмæ гæсгæ. Фæдагуырды рæстæджы сбæрæг кодтой, ацы компани кæй имитаци кодта Уæрæсейы бабырст Америкæйы президентон æвзæрстытæм 2020 азы, фехъусын кодтой РИА Новости Фæдагуырды комитеты пресс-службæйы.
Уагдоны бахахх кодтой, уголовон хъуыддаг кæй бакодтой Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) æрмæджытæ райсыны фæстæ.
Фæдагуырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2022 азы 5 мартæй 9 апрельмæ колумбиаг, кæцыйæн уыд Уæрæсейы цæрыны гæххæтт, финансон хæрзиуджыты тыххæй сусæгæй æвæрдта Мæскуыйы базарадон центртæй иуы мобилон телефонтæ, кæцыты руаджы парахат кодтой фейктæ уæрæсейаг æфсады архайды тыххæй Украинæйы. Фæдагуырды комитет ссардта æмбæхсæн телефонтимæ, кæцы фыдгæнæг бамбæхста Мæскуыйы цæгаты базарадон центртæй иуы.
Уагдоны банысан кодтой, Хиральдо Сарай кæй æххæст кодта æнæзаконон архайд къорды сконды, æххæст кодта уынаффæтæ, кæцытæ йæм цыдысты фæсарæйнаг æмбæстæгтæй. Ныртæккæ нæлгоймаджы æрурæдтой.
Фæдагуырды рæстæджы ма сбæрæг кодтой, ацы гоймæгты къорд кæй архайдта америкæйаг компани Digital Humanity-йы интересты, кæцы баст у æхсæнадæмон бастдзинады фæдыл АИШ-ы паддзахадон Агентадимæ.
Уымæй дарддæр райстæуыд бæрæггæнæнтæ, ацы къорд кæй пайда кодта аналогион схемæйæ, цæмæй мобилон телефонты руаджы имитаци кæной Уæрæсейы бабырст Америкæйы президентон æвзæрстытæм 2020 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0