Цæгат Иры фæцис фидæны курорт "Мамисон"-мæ тоннелы реконструкци

© Sputnik / Евгений БиятовЦæгат Ирыстоны фæцис фидæны курорт "Мамисон"-мæ тоннелы реконструкци
Цæгат Ирыстоны фæцис фидæны курорт Мамисон-мæ тоннелы реконструкци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фехъусын кодта тоннелы реконструкцийы фæуды тыххæй – "уый у "Мамысон"-мæ ахсджиагдæр фæндагон иуæгтæй", - фыст æрцыд йæ Telegram-каналы.

"Ныр цалцæггæнæн куыстытæ фесты, арæзт æрцыд нырыккон домæнтæм гæсгæ тоннель, кæцы æппæтæй дæр æххæст у пассажирты фæхæццæ кæнынæн бынатмæ, ифтонг кæны фæндагон змæлды æдасдзинад", - банысан кодта Меняйло.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, тоннель къахт æрцыд 1980 азы Зæрæмæджы ГЭС арæзтады рæстæжы куыд технологион, йæ асмæ æмæ техникон ифтонгадæй нысангонд нæ уыд пассажирон транспорты змæлдæн.
Республикæйы сæргълæууæг бафтыдта, фидæны курорт кæй сифтонг кæндзæн Цæгат Ирыстоны фылдæр куысты бынæттæй, ахъаз фæуыдзæн туристтæ æрцæуынæн, экономикæйы райрæзт сразæнгард кæндзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0