УФ Курскы аэродром бахаудта æнæпилотон тæхæг аппараты атакæйы бын

© RIA NovostiЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik. Курскы областы губернатор Роман Старовойт фехъусын кодта, регионы æнæпилотон тæхæг аппараты атакæйы фæстиуæгæн кæй ссыгъд æртаджы станц.
"Æнæпилотон тæхæг аппараты атакæйы фæстиуæгæн Курскы аэродромы районы ссыгъд æртаджы станц. Зианбаййафджытæ нæй. Зынгсирвæзт иуварс цæуы. Сæрмагонд службæтæ иууылдæр кусынц цауы бынаты", - ныффыста губернатор йæ Telegram-каналы.
Курскы аэропорт 24 февралæй нæ исы æмæ не ‘рвиты граждайнаг хæдтæхджытæ. Арæнæвæрдты режим архайы ноджы дæс ажропорты Уæрæсейы хуссар æмæ централон хайы.
Ног хабӕртты лентӕ
0