28. ХЪÆНДИЛЫ ТОХ

28. ХЪÆНДИЛЫ ТОХ
Рафыссын
Боны рухс æхсæвы тары ’хсæн хъарын куы байдыдта, уæд æфсады иу хай хистæр афицер Берилевимæ фæуырдыг кодта Пацъайы хидмæ. Иннæ ’фсад инæлар Ренненкампфы разамындæй Цъамадмæ сарæзтой сæ ных.
Сыгъдты адæм æфсадæй фæраздæр сты. Берилевы æфсад Пацъамæ нæма ’рхæццæ, афтæ Созыр Сыгъдты фос æмæ лидзæг адæмы æфцæджы сæрмæ схæццæ кодта. Лæппутæ сæ алыварс зилахар кодтой хæстæввонгæй, кæм æххуыс, кæм ныфсытæ. Бабеитæ цинæй мардысты, сæхи равдисыны фадат сын кæй фæци, ацы хатт хистæртæ уыдон бæрны кæй бахаудысты, цыма кæстæртæ фæхистæр сты иу фыдæвзарæн æхсæвы дæргъы. Гиви, Мирман, Созыры лæппу Къакъо, стдæсаздзыд, тæнæгарæзт, рæхснæг, худæндзаст æмæ мадзура. Чызгау æфсæрмдзæстыг уыд æмæ иууыл йæхи аууоны дардта, фæлæ ныр кæрцвæлдæхт фæци, бирæгъы лæппынау, йæхи æппæрста зындæр рæттæм. Созыр æм йæ цæст дардта æмæ йын иуæй æхсызгон уыд, уæндон æмæ æрмарæхст, æппæтмæ цæттæ кæй разынд тыхсты рæстæджы йæ лæппу, иннæмæй та йæ зæрдæ хъынцъым кодта: афтæмæй йыл исты ’рцæудзæнис!.. Афæдзæхсынмæ йæ хъавыд, фæлæ йæм иннæ лæппуты хъауджыдæр хъулон дзырд скæнын йæ цæсгом нæ бахъæцыд.
Фæсæфцæг хъæды комы ’рдæм фос куы ныздæхтой æмæ адæм хъæды сæрмæ иу чысыл фæзауы куы ’рбамбырд сты аулæфынмæ, æрмæст уæд фæхатыдысты, Ака æмæ Козиан семæ кæй не сты. Созыр Акайæн нæ тарсти, уый исты амал ссардзæн, æнæхъæн æфсады астæуæй дæр фæндаг ракæндзæн йæхицæн, фæлæ Козиан цы фæуыдаид, талынджы макуы ныдздзæгъæл уа!.. Æфцæджы сæрæй ракаст бынмæ Созыр, фæлæ йæ цæст ницæуыл схæцыд, æрмæст Берилевы ’фсад хидыл, мæлдзгуытау, бырыдысты æмæ топпы гæрæхтæ сарæх. Цъамад æмæ Бикойты хъæумæ дæр ныххæццæ сты æфсæдтæ æмæ бæстæ гæрах сси, райсомы æнцой уæлдæфы топпыхосы фæздæг къуымбилтæ-къуымбилтæй тади цадæггай.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0