30. СЫГЪДТÆ ÆМÆ ХЪОЛА

30. СЫГЪДТÆ ÆМÆ ХЪОЛА
Рафыссын
Бабе, Гиви æмæ Къакъо топпы хъæртæ куыддæр фехъуыстой Сыгъдты дзыхъхъæй, афтæ сæхи раппæрстой хьæумæ, фæлæ хæст нал æрæййæфтой. Кæройнаг хæдзар цы салдæттæ сыгътой, уыдоныл сæхи ныццавтой. Сæ дамбацатæ куы равдæлон кодтой, уæд лæгæйлæгмæ бабырстой.
Салдат сыл дзæвгарæй куы ’рбакалдысты, уæд Бабе фæхъæр кодта:
— Лидзгæ хъæдмæ!
Лæппутæ ма фæстæмæ фездæхтысты, фæлæ сæ салдат æййафын байдыдтой. Кæд ма иннæтæ аирвæзиккой, Бабе фездæхт фæстæмæ æмæ йæм æввахсдæр цы салдат фæци, уымæ бабырста. Ака йын куыд амыдта, афтæ ацахста арц галиу къухæй æмæ йæ йæхимæ æрбариуыгъта. Фæрсырдæм ахæцын ыл нал фæцарæхст æмæ арц уæддæр йæ фарсыл баныдзæвд. Йæ тæвдæй ма æхсаргард æруагъта йæ тыхйæ бонæй салдаты сæрыл, фæлæ йын йæхи дæр фехстой, æмæ йæ къах фæдыдагъ, салдаты мардыл бафæлдæхт размæ.
Гивииты хъæдмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ Къакъо хуырыл фæкалд æмæ æрхаудис.
— Взять живым! — фæхъæр кодта фæстейæ чидæр, æмæ Къакъомæ цы салдат бахæццæ, уый нал барæхуста. Къакъо фæгæпп кодта, арц ацахста æмæ салдатыл ралæууыд кардæй. Ахсын æй чи кодта, уый йæхицæн фæтарст æмæ йæ бахста.
— Уæу, джиджджи! — фæхъæр ма кодта Къакъо æмæ ахауд, дзыхъмард фæци.
Гиви исдуг айрох сурджытæй, æмæ хъæдгæронмæ бахæццæ, фæлæ Къакъойы хъæрмæ фæзылд æмæ кардæлвæстæй балæбурдта салдæттæм. Нæ сæм баххæст, æмæхст æй фæкодтой цалдæрæй æмæ, тæхгæтæхын цæргæс дзыхъмард куыд фæуа, уыйау пырхкъухæй зæххыл сæмбæлд.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0