Бесаты Тимур нысангонд æрцыд СТЭ комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй

© Sputnik / Алексей КовалевБесаты Тимуры нысан æрцыд АТЭ комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй
Бесаты Тимуры нысан æрцыд АТЭ  комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Министрты кабинеты сæргълæууæг Джуссойты Константин снысан кодта Бесаты Тимуры республикæйы сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы (СТЭ) комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй.
Бесаты Тимур фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон универститет.
2012 азы ноябрæй 2013 азы январмæ куыста республикæйы сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты транспорты дæлхайады консультантæй.
2013 азы январæй нырмæ куыста республикæйы сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты транспорты дæлхайады сæргълæууæгæй.
Бесаты Тимурæн радтой классон цин – Республикæ Хуссар Ирыстоны 3 классы паддзахадон уынаффæгæнæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0