Ногазон бæрæгбонтæ Хуссар Иры адарддæр уыдзысты фараст боны дæргъы

© Sputnik / Андрей Сорокин /  Ахизын медиабанкмæНог аз
Ног аз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногазон бæрæгбонтæ адарддæр уыдзысты 2022 азы 31 декабрæй 2023 азы 8 январы онг, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта 2023 азы улæфт бонты фæдыл уынаффæйы проект.

Хицауады аппараты разамонæг Джуссойты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй бæрæгбонон бонтæ 1 æмæ 7 январь æнæкусæгон бонтæм кæй хауынц, уый фæдыл уыдон ахастой 14 февраль æмæ 8 маймæ. Уымæй дарддæр, 26 августы улæфт бон хаст æрцыд 22 сентябрмæ, 18 ноябрь та 24 ноябрмæ.

Афтæмæй, æнæкусæгон бонтæ уыдзысты 1-æй 8-æм ноябрмæ, 23-æй 26-æм февралмæ, 8 март, 29 апрелæй 1 маймæ, 6-æй 9-æм маймæ, 27-æй 29-æм маймæ, 10-æй 12 июньмæ, 26-27 августы, 20-æй 24-æм сентбрмæ, 23-æй 26-æм ноябрмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0