Цхинвалы микрорайонтӕй иуы зӕронд хъармуарӕн станцы бынаты сараздзысты улӕфӕн зонӕ

© Sputnik / Фатима Плиева Цхинвалы микрорайонтӕй иуы сараздзысты улӕфӕн зонӕ
 Цхинвалы микрорайонтӕй иуы сараздзысты  улӕфӕн зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Столицӕйы разамынад ӕрбалӕугӕ азы фӕнд кӕны цӕрӕн массивы саразын улӕфӕн зонӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Зозиты Эдуард.
Хӕрзарӕзт къуым фӕзындзӕн Остъаты Алексейы уынгыл уӕвӕг раздӕры хъармуарӕн станцы бынаты, кӕцы советон дуджы ифтонг кодта хъармӕй ӕввахс корпустӕ ӕмӕ уагдӕтты.
Ацы фӕзуат рагӕй фӕстӕмӕ лӕууы ӕнӕхъусдардӕй. 2016-2017 ӕзты сӕрмагонд нывӕзт "спорт в шаговой доступности"-йы фӕлгӕтты ацы бынаты конд ӕрцыд тренажерон зал.
"Ӕрбалӕугӕ аз мах хъавӕм ацы бынаты саразын улӕфӕн зонӕ. Уыдзӕн дзы сывӕллӕты фӕзуат дӕр", - загъта Зозиты Эдуард.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕй дарддӕр ма 2023 азы нывӕзты ис ӕндӕр сабиты фӕзуатты хӕрзарӕзт ӕмӕ арӕзтад.
"Горӕты цады цур цы сывӕллӕтты фӕзуат ис, уый фӕхуыздӕр кӕндзыстӕм ног азы. Стӕй ма горӕты Фаллаг фарсы дӕр сараздзыстӕм сывӕллӕтты фӕзуат, йӕ ифтонгад у ӕлхӕд", - бафтыдта уый.
Уымӕй размӕ горӕты администрацийы фехъусын кодтой, ноджы ма иу улӕфӕн зонӕ та нывӕндынц скӕнын мӕскуыйаг микрорайоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0