Цхинвалы турбазæйы цæрджытæ бахатыдысты депутаттæм, цæмæй лигъдонты фæдыл къамис саразой

© Пресс-служба парламента РЮОВ Парламенте РЮО предложили создать комиссию по изучению вопросов беженцев
В Парламенте РЮО предложили создать комиссию по изучению вопросов беженцев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Турбазæ "Осетия"-йы бахатыдысты Хуссар Ирыстоны парламентмæ, цæмæй саразой къамис æмæ равзарой æцæг лигъдæтты, кæцыты хъæуы цæрæнуæттæ.
Куыд банысан кодта депутат Санахъоты Давид, афтæмæй турбазæйы уавæр нæу хуымæтæг æмæ бахахх кодта, лигъдæтты æмæ мидæггагон æрлидзджыты йеддæмæ ма дзы кæй цæрынц æндæр адæмы категоритæ.
"Уымæй дарддæр ма дзы цæрынц ахæм адæм, кæдонæн рахицæн кодтой хæдзæрттæ, фæлæ баззадысты турбазæйы цæргæйæ, цæмæй ноджы райсой хæдзар", - загъта депутат.
Турбазæйы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, æцæг лигъдæттæ дзы цæры æдæппæт 11 бинонтæ.
Парламентаритæ разыйы ныхас загътой лигъдæтты фарстыты фæдыл къамис саразыныл æмæ банхъардтой рахæссын ацы фарст президиумы рабадтмæ.
Хуссар Ирыстоны 2020 азы цæрджыты сфысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, турбазæйы цæрынц 60 бинонтæ, æдæппæтæй 110 адæймаджы. Уымæй дарддæр ма лигъдæтты социалон хъахъхъæнынады Комитеты хыгъды сты 81 бинонтæ, кæцытæ цæрынц БАМ, Заготзерно, Хъæууонхæдзарадон техникум æмæ "СМО"-йы æмдзæрæны.
Ног хабӕртты лентӕ
0