29. АКАЙЫ ТОХ

29. АКАЙЫ ТОХ
Рафыссын
Ака нæ базыдта, Козиан дæр баззадис, лидзæг адæмимæ нæ ацыд, уый. Æхсæвы сфæнд кодта: мæсыгмæ нæ бацæудзæнис. Уæртæ хъæдмæ ’ввахс, фæззæг сын æфтауцдон кæм вæййы, уым, хъæумæ ссæуæны ис бæзджын амад сис. Дуртæ дзы сисдзæн, хъавæнтæ скæндзæн. Цыппар топпы æмæ йын дыууæ дамбацайы ифтыгъд ис. Фæйнæ дзы амардзæн, стæй ма кардæй дæр кæд исты сарæхсид. Кæд сæм лæгæй-лæгмæ бабырсыны фадат нæ фæуа, уæд хъæдмæ æнцон базгъорæн у. Цæй, хæст йæхæдæг йæхи амондзæн, — загъта Ака æмæ ууыл нал хъуыды кодта, æфсадмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, зылдис йæ райгуырæн уæзæгыл.
Æрзылд хæдзары алывæрсты. Сугтæ пырхытæ уыдысты къулы ’нцой æмæ сæ барæстытæ кодта. Дæлбазырæй Бабейы цæвæг æрдæджы онг зынд æмæ йæ къулы ’рдæм фæзылдта: мыййаг, къæвда, уæд сызгæ уыдзæн.
Разылд уæзæгыл. Сугсæттæн къуыдыры цур — фæрæт æппæрст. Систа йæ æмæ йæ къуыдыры ’рсагъта.
Скъæтмæ фæкомкоммæ æмæ йæм бацыд: "Мæнæ ам Былджын баст вæййы зымæг... Тæргайгæнаг у, схуыст ныхас нæ уарзы æмæ йæ чи рæвдаудзæн?.. Бабе?.. Бабе йæм кæд зилид".
Ака скъæты дуар йæ фæдыл сындæггай рахгæдта.
Фаджысы рагъыл дыууæ дзоныгъы хъусы ныггуыбыр кодтой, дон нуазæг фæндаггонтау. Уыдон саразын дæр мын нал бантыст...
Кæрты астæу æдзæмæй аззад Ака. Сагъæс кæны, цы уыдзысты йæ бинонтæ хæсты фæстæ. Цæй, æвыдæй кæд аирвæзой, уæд сын Созыр исты хостæ кæндзæн. Æз дæр сын фыдбылызæй дарддæр ницыуал дæн.
Сбон ис... Афон у. Цæмæн фæстиат кæна уыцы инæлар? — арвы хъулæттыл йæ цæст ахаста Ака.
— Мæ кард ма чысыл куы ассин, — рахаста æхсаргард æмæ йæ кæрты иу кæрон сигæцыл дауын райдыдта.
Топпы хъæртæ фæцыд Пацъайы былгæронæй. "Гъе-гъе! нæ инæлар пыррыччытæ кæнын райдыдта, уазалдзыд гæдыйау. Фæлæ сæм цымæ чи фæраздæр уыдаид? Донбылмæ сæм чи ныффардæг хæрзæггурæггаг? Уый мæнæй лæгдæр куы разынд. Хидыхъус хорз хъавæнтæ ис. Разы бадынæн хуыздæр нæ хъæуы..."
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0