https://sputnik-ossetia.com/20221208/khussar-iry-stolitsayy-bakodtoy-ravdyst-nyvganadzhy-bonma-20384866.html
Хуссар Иры столицӕйы бакодтой равдыст Нывгӕнӕджы бонмӕ
Хуссар Иры столицӕйы бакодтой равдыст Нывгӕнӕджы бонмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы нывгӕнӕджы боны цытӕн бакодтой цӕдисы уӕнгты куыстыты равдыст. Экспозицийы ис 50 куысты 27 авторӕн. 08.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-08T17:01+0300
2022-12-08T17:01+0300
2022-12-08T17:01+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвал
аивад
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/08/20383206_14:0:821:454_1920x0_80_0_0_35c46f55874761e4efa4fef19e2bc112.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы нывгӕнӕджы боны цытӕн бакодтой цӕдисы уӕнгты куыстыты равдыст. Экспозицийы ис 50 куысты 27 авторӕн.Мадзал ӕрӕмбырд кодта бирӕ уазджытӕ, чысыл равдыстадон залы адӕмӕй азмӕлӕнтӕ нал уыд. Равдыстмӕ хаст ӕрцыдысты ног фыст куыстытӕ хицӕн здӕхӕнты, стӕй ма хъӕдырмӕг ӕмӕ ӕфсӕнӕй конд.Равдысты уазӕг, нывгӕнӕг, горӕты администрацийы разамонӕг Къацты Гено йӕ раныхасы баныфсӕвӕрдта, кӕй бацархайдзысты, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны фӕзына уӕрӕх аивадон галерей.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/08/20383206_115:0:720:454_1920x0_80_0_0_b74077ff0124fd023b88540137f5ca6f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал, аивад, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал, аивад, культурӕ
Хуссар Иры столицӕйы бакодтой равдыст Нывгӕнӕджы бонмӕ
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы нывгӕнӕджы боны цытӕн бакодтой цӕдисы уӕнгты куыстыты равдыст. Экспозицийы ис 50 куысты 27 авторӕн.
"Мах фыццаг хатт нысан кӕнӕм Нывгӕнӕджы бон, фӕлӕ фидӕны уый суыдзӕн хорз традици, аз иу балхынцъ кӕнӕм равдыстӕй. Бузныг мӕ зӕгъын фӕнды паддзахады разамонӕгӕн йе 'ххуысы тыххӕй мадзал саразыны хъуыддаджы", - загъта цӕдисы хистӕр Битеты Алан.
Мадзал ӕрӕмбырд кодта бирӕ уазджытӕ, чысыл равдыстадон залы адӕмӕй азмӕлӕнтӕ нал уыд. Равдыстмӕ хаст ӕрцыдысты ног фыст куыстытӕ хицӕн здӕхӕнты, стӕй ма хъӕдырмӕг ӕмӕ ӕфсӕнӕй конд.
Равдысты уазӕг, нывгӕнӕг, горӕты администрацийы разамонӕг Къацты Гено йӕ раныхасы баныфсӕвӕрдта, кӕй бацархайдзысты, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны фӕзына уӕрӕх аивадон галерей.