Президент бавдыста парламентмæ нæуæг Генпрокурор æмæ КНП сæргълæууæджы кандидатурæты

© Sputnik / Алексей КовалевПрезидент æрбавдыста парламентмæ нæуæг Генпрокурор æмæ КÆП сæргълæууæджы кандидатурæты
Президент æрбавдыста парламентмæ нæуæг Генпрокурор æмæ КÆП сæргълæууæджы кандидатурæты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бавдыста парламентмæ Контролон-нымайæн палатæйы (КНП) сæргълæууæг æмæ республикæйы Генрпокуроры ног кандидатурæты.
Парламенты комитеттæ æркастысты фарстытæм, хъусын кæны закъондæттæг органы пресс-службæ.

Республикæйы Генпокуроры бынатмæ президент бавдыста Бететы Сосланы, Контролон-нымайæн палатæйы сæргълæууæджы бынатмæ та Хуыгаты Ромеойы. Депутаттæ æркæсдзысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Коцты Олесяйы йæ бынатæй ссæрибар кæныны фарстмæ.

Регламентмæ гæсгæ, парламенты къамис æмæ комитеттæ бадæттой скъуыддзаг закъонад æмæ бынæттон хæдразамынады комитетмæ ранымайгæ æрбвадыстыты фарсты фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0