Цæгатирыстойнаг амалиуæгдартæ сарæзтой СÆО æфсæддонтæн æххуысы фонд

© Sputnik / Павел Львов /  Ахизын медиабанкмæЦæгатирыстойнаг амалиуæгдартæ сарæзтой СÆО æфсæддонтæн æххуысы фонд
Цæгатирыстойнаг амалиуæгдартæ сарæзтой СÆО æфсæддонтæн æххуысы фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны амалиуæгдартæ сорганизаци кодтой Донбасс бахъахъхъæнынæн сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг æфсæддонтæн æххуысы фонд. Уый тыххæй хъусын кæны "15-æм Регион".
Республикæйы разамонæг радзырдта, бизнесментæ кæй райсынц информаци, æфсæддонтæн æнæмæнгхъæуæг цы у, уый тыххæй.

"Æрæджы нæ æмбæстæгтæ Геленджикæй æрбарвыстой хæдтулгæ. Мах балхæдтам хæдтугæтæ, цæмæй сын иу ранæй иннæ ранмæ ацæуæн уа. Уыцы куыст ныридæгæн нывыл у, - загъта Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ма банысан кодта, къорд "Алани" кæй сарæзта ифтонгады пункт. Æнæмæнхъæуæг дзаумæттæ фæхæццæ кæнынц комкоммæ æфсæдонтæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0