31. ХÆСТ ХЪАЗАХЪХЪÆГТИМÆ

31. ХÆСТ ХЪАЗАХЪХЪÆГТИМÆ
Рафыссын
Хъазахъхъæгтæ дыууæфондзыссæдзæй — æфсæст бæхтыл, се ’хсаргардтæ тилгæ, Дыууæдонастæуæй фæтъæбæртт кодтой лидзæг адæмы фæдыл. Солтан, Басыл æмæ сæ хæстон фæсивæд дарæнтæм куы схæццæ сты, уæд базыдтой: æййафдзысты сæ. Лæгтæн загътой, адæмы тагъддæр схизын кæнут æфцгуыты рæбынтæм, лæппутæн — тæрут фос, уæ бон цы у, уымæй. Лыгъд адæммæ бæхтæ бирæ уыд, фæлæ уæргътæй сæ хъустæм уыдысты æмæ тæвды тыхулæфтгæнгæ цыдысты, уæлдай къахдзæф дæр сæ бон нæ уыд. Уæддæр тындзыдтой адæм, кæд ирвæзæн бæрзæндтæм схæццæ уаиккой.
Солтан йæхи байста Хъолайы лигъдæттæм æмæ цæстæй ацагуырдта Уардисы. Хæстæг æм бацыд æмæ йæ афарста:
— Дæ бæх фæразы? Калман та уын кæм ис? Нæ рацыди?
— Бæх фæразы. Калман хæдзары баззад — мæнæн, дам, кæд ницы кæниккой.
— Тындзут уæдæ, тындзут. Гъа, Уардис, дæ къух мæм авæр, хорзыл амбæлут. Махонтæ ам Зикъарайы ’рдæм аздæхдзысты. Чи зоны, фæсхохæй кæд æрыздæхдзыстæм, цы бæрæг ис.
— Хорзыл амбæлут сымах дæр, Солтан, — Уардис æм йæ къух радта.
"Уазал къух. Уæд та иу зæрдиаг дзырд... Мæлæты раз куы лæууын... Чи зоны, уынгæ дæр нал фæкæнæм кæрæдзи", — хъынцъым кæны Солтан. Фæндыд æй исты уайдзæф сдзурын, фæлæ не суæндыд.
— Мах хъазахъхъимæ схæцæм, сымах тындзут, — фездæхт Солтан йæхи адæмы раззаг бæлццæттæм. — Тæссарвæндæгтыл бацæут æмæ тагъддæр куыд фæуæле уат къæдзæхы ронбастæй!
Солтан йæ бæх фæзылдта æмæ лидзджыты кæрон хæстонты къордимæ баиу. Дæрддзæф къуыппæй сзындысты хъазахъхъæгтæ. Солтан сыл йæ цæст ахаста æмæ сфæнд кодта семæ фистæгæй схæцын.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0