https://sputnik-ossetia.com/20221209/khussar-ir-khayad-isy-khsnadmon-ekonomikon-forumy-dzudzhykhuy-20397628.html
Хуссар Ир хайад исы Æхсæнадæмон экономикон форумы Дзæуджыхъæуы
Хуссар Ир хайад исы Æхсæнадæмон экономикон форумы Дзæуджыхъæуы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæу, 9 дек - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы майрæмбоны райдыдта VIII Æхсæнадæмон экономикон форум "Южные ворота России". Хайад дзы исынц Хуссар... 09.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-09T16:10+0300
2022-12-09T16:10+0300
2022-12-09T16:10+0300
цӕгат ирыстон
хуссар ирыстоны
экономикӕ
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/09/20394944_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_b08f587472587ca6fe4d6ba6d057b4df.jpg
Дзæуджыхъæу, 9 дек - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы майрæмбоны райдыдта VIII Æхсæнадæмон экономикон форум "Южные ворота России". Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Сомихстон, Иран æмæ Белоруссийæ делегаттæ.Арфæйы ныхасимæ хайадисджыты раз ралæууыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Æгъуызарты Мурат æмæ бузныг загъта æрбацæуджытæн.Форумы пленарон рабадты хорзæхджын æрцыдысты азы хуыздæр социалон проекты конкурсы уæлазихдзаутæ. Мадзал адарддæр кодтой иннæ паддзахадтæй хайадисджытæ æмæ делегатты раныхæстæй. Форум йæ куыст фæуыдзæн сабаты, хатдзæгтæ куы æрнывыл кæной, уæд.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/09/20394944_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_97d46224deff209c7601581f98efc937.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, хуссар ирыстоны, экономикӕ, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, хуссар ирыстоны, экономикӕ, ног хабӕрттӕ
Хуссар Ир хайад исы Æхсæнадæмон экономикон форумы Дзæуджыхъæуы
Дзæуджыхъæу, 9 дек - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы майрæмбоны райдыдта VIII Æхсæнадæмон экономикон форум "Южные ворота России". Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Сомихстон, Иран æмæ Белоруссийæ делегаттæ.
Арфæйы ныхасимæ хайадисджыты раз ралæууыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Æгъуызарты Мурат æмæ бузныг загъта æрбацæуджытæн.
"Æхсызгон мын у Дзæуджыхъæу æстæм хатт кæй ссис ахæм стыр нысаниуæгджын диалогы фæзуат. Цæгат Ирыстон у бастдзинады таг. Ауылты цæуы иууыл рагондæр базарадон фæндаг Уæрæсейæ Фæскавказ æмæ Æввахс Скæсæнмæ. Ацы форум ахъаз фæуыдзæн алыхуызон паддзахадты базарадон бастдзинад æмæ райрæзтæн", - загъта Æгъуызарты Мурат.
Форумы пленарон рабадты хорзæхджын æрцыдысты азы хуыздæр социалон проекты конкурсы уæлазихдзаутæ. Мадзал адарддæр кодтой иннæ паддзахадтæй хайадисджытæ æмæ делегатты раныхæстæй. Форум йæ куыст фæуыдзæн сабаты, хатдзæгтæ куы æрнывыл кæной, уæд.