Цхинвалы ацæудзæн хæрзаудæн акци Ног азмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanХæрзаудæн ногазон акци Хуссар Ирыстоны
Хæрзаудæн ногазон акци Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æххуысхъуаг бинонтæй сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ æрбахæсдзысты Митын дада æмæ Митын чызг. Уый тыххæй Sputnik пресс-центры радзырдтой хæрзаудæн акцийы инициатортæ - Паддзахадон радио "ИР"-ы директор Цхуырбаты Алан, Цхинвалы мидхъуыддæгты дæлхайады æнахъомты фæдыл хайады хистæр Гататы Лали, блогер Гуыбеты Зæринæ æмæ волотер Мане Агаджанян.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхырбаты Алан
Алан Цховребов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Цхырбаты Алан
Уыдоны хъæппæрисæй аз цалдæр хатты организацигонд æрцæуынц æххуысхъуаг бинонтæн акцитæ. Æрбамбал сæм вæййынц зæрдæрисгæ æмбæстæгтæ: æрбахæссынц хæлцадон продукттæ, пысултæ, хъазæнтæ, афтæ ма æххуысс кæнынц æхцайы фæрæзтæй.
© Sputnik / Natalia AiriyanМане Агаджанян
Мане Агаджанян - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Мане Агаджанян
Нæуæг азы къæсæрыл волонтертæ æруынаффæ кодтой ауадзын радон акци – ахæм бинонтæн æртымбыл кæнын æнæмæнгхъæуæг хæлцадон продукттæ.
Уымæй дарддæр ма уыдзысты адджын лæвæрттæ сæрмагондæй сывæллæттæн. Лæвар та сæ кæндзысты Митын дада æмæ Митын чызг.
Акцимæ алкæмæн дæр ис гæнæн ис æрбамбал уын.
© Sputnik / Natalia Airiyan Гуыбеты Зæринæ
Зарина Губиева  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Гуыбеты Зæринæ
Ног хабӕртты лентӕ
0