32. МÆСЫДЖЫ ХÆСТ

32. МÆСЫДЖЫ ХÆСТ
Рафыссын
Æхсæв ныхгæдта æхсæнгæрзты дзыхтæ, ныххæцыд цыргъæгты кæмттыл æмæ хæстонты къухтыл. Райсоммæ ныссабыр бæстæ. Бегаитæ æрдæгæхсæв бакодтой мæсыджы дуар, йæ сæрмæ фæдисы рухс ссыгътой æмæ иунæгæй зынд, ног марды цыртау, Чеселтгомы æфцгуытæм. Бега, Хъуырман æмæ Алæг сбадтысты дуаргæрон ифтыгъд топпытимæ. Къулойы асиныл æрæргъæвтой, йæ мады абæрæг кæнынмæ, æмæ стæй асин фæстæмæ систой.
Бадынц æнкъардæй æртæ хæстоны. Сæ сомбоныл тынг нæ тыхсынц, мæлæтæй фыддæр дзы ницы уыдзæн æмæ уымæ цæттæ сты, фæлæ адæм цы баисты, ницы зонынц æмæ тыхсынц. Кæйдæр хæкъуырцц ауад Бегайы хъустыл. "Цы уа?" — Бега фестад æмæ талынгмæ æрхъæр кодта:
— Кæцы дæ уый?
— Æз дæн, Бега, асин æруадзут, — кæуынхъæлæсæй сдзырдта мæсыджы рæбынæй Къулой.
— Цы кодтай, цы? Дæ мад тарфдæр у, мыййаг?
— Амардтой йæ, — ныххæкъуырцц кодта Къулой æмæ йæ цæсгом йе ’рмттæй амбæхста.
— Собакн шелудивые! — фесхъиудта Алæг. Хъуырман æмæ Бега ныджджих сты.
— Гъе-ей, уым уæ ничиуал ис? — сыхъуыст мæсыджы рæбынæй.
— Кæцы дæ? — тызмæгæй бафарста Бега.
— Æз бæргæ дæн. Уæ арты рухсмæ æрдзæгъæл дæн, кæд мæ бавæриккат, зæгъын.
— Дзанг куы дæ! — сцин кодта æмæ асин æруадзыныл фæци Бега.
— Дзанг та куыд нæ дæн, — йæ фæдыл асин исгæ дзуры, — фæлæ ма сымах уæхи хуызæн стут? Кæд уæ нæ бандæрхуызæттæ кодта Рыныкъæф, йæ бон ныккала?
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0