34. ТЕМЛАЙЫ ТОХ

34. ТЕМЛАЙЫ ТОХ
Рафыссын
Басаста Ренненкампф Хъолайы фидар. Талынгтæм уæлахизæй бафардæг Дыууæдонастæумæ. Уырдæм йæ уæлвæд æрхæццæ Зикъарайыл хæцæг æфсадæй æрвыст лæг дæр æмæ фехъусын кодта: "Æфцæг сисын къухы нæ бафтыд, æхсæвиуат кæнæм æфцæджы рæбын, рухс кæнын куы райдайа, уæд та уыдзæн размæбырст". Хæсты æртыккаг бон инæлар йе ’фсад иууылдæр Зикъарамæ стардта. Æфцæджы рæбын цы ’фсад уыд, уыдон талынгæй райдыдтой бырсын æмæ боны срухсмæ иу къордæй схызтысты уæлбылмæ.
Солтан ма хъавыд æфцæджы адæммæ сæрвитын æмæ уыдон æххуысæй æфсады ногæй фæдæлбыл кæнын, фæлæ Ренненкампфы сæйраг тыхтæ куы сивылдысты Тæдзæнты рæбынмæ, уæд бамбæрста: нал сæ бауромдзæн. Солтаны хæстонтæй бирæтæ фæцæфтæ сты, топпæхсджытæ къаддæрæй-къаддæр кодтой, æмæ сфæнд кодта йæ хæцæн æфцæджы сæрмæ сисын. Æхсгæ-æхсгæ дурты аууæтты фæстæмæ алæууыдысты æмæ къуырфмæ куы схæццæ сты, уæд лыгъд радтой фæхæрдгæнæнмæ. Схæццæ сты æфцæгмæ, афтæ æфсæдтæ дæр Къуырфмæ сгуылф кодтой æмæ фæхæрдгæнæны лыстæг хуырыл хилын райдыдтой.
Адæм стырæй, чысылæй дурзæйтæ уадзынмæ фесты. Топпæхсджытæ дæр та сбирæ сты. Æхсæнгарзæй сæм цыдæриддæр уыд, ифтыгътой сæ æмæ æхстой. Темла дæр та йæ къахыл слæууыд, дуры сынæгыл сæвæрдта топп æмæ уырдыгæй лæмбынæг, хъавгæ æхста. Ницы рауад æфсады фæлæбурдæй æмæ фæстæмæ алæууыдысты Къуырфмæ. Уым инæлар фæтæрхон кодта йæ афицертимæ æмæ загъта: бафæлварæм ма кæрæтты чысыл къордтæй сирвæзын æфцæгмæ. Кæд уымæй дæр ницы рауайа, уæд сæ ныууадзæм. Мах ам баддзыстæм, уыдон — уым. Куы стыхсой, уæд сæхæдæг æрцæудзысты.
Райдыдтой та бырсын лыстæг къордтæй, сфæлвæрдтой айнæджы дыдæгъты сбырын. Солтаны хæстонтæм, армы тъæпæныл æвæрдау, зындысты æфсады алы лæг, алы фезмæлд дæр, æмæ сын уайтагъд базыдтой сæ фæнд. Айнæджы карстыл схизæн кæмдæриддæр уыд, алы ран дæр сбадын кодта Солтан фæйнæ топпæхсæджы æмæ-иу чысыл йæ сæр чи сдардта, топпы нæмыг кæдæм хауд, уымæй уæлдæр, уый та-иу ныггæрах кодтой.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0