35. ЦÆФ УАЦАЙРÆГТÆ

35. ЦÆФ УАЦАЙРÆГТÆ
Рафыссын
Цæф уацайрæгты æрхастой сынтытыл Дзаумæ æмæ сæ иу талынг чъырыны баппæрстой хъæмпы уæлæ рæгъ-рæгъы. Чилæхсаты Салдат фæндагыл амард æмæ йæ иу ран дæлвæндагмæ атылдтой. Бикойты Кецо æмæ Дауыт цæф нæ уыдысты æмæ сæ иннæ уацайрæгтимæ æндæр ран бакодтой. Æрмæст Ака, Хъæндил, Бабе, Бега æмæ Солтаны тугæйдзæгтæй, мæрдтау, сæ кæрæдзи цур ныррæгъ кодтой. Талынг, æнуд чъырыны цæст ницы уыдта. Æрмæст уый бамбæрстой цæф уацайрæгтæ, бирæ кæй сты. Салдæттæ сæ иунæгæй ныууагътой, дуар сыл æрбахгæдтой, æмæ фæсдуар хъахъхъæнæг рацубацу кæны.
Акайæн фезмæлын йæ бон нæ уыд. Риу, æмхуызон хъæдгомау, къуырма рыст, зынуромæн рыст кодта. Фæрсты цæфтæ дæр сиу сты йемæ æмæ цыма йæ буар астæуæй уæлæмæ тæвд уæхстыл конд у, афтæ каст Акамæ. Ком ныххус, былтæ сфыхтысты æмæ йæхинымæр бæллыд: "Гъæтт, иу армыдзаг дон искуыцæй!"
Хъæндилæн йæ сины фæлмæн ныррæсыд æмæ йæ фезмæлæн нæ уыд. Фæлæ ууыл нæ тыхст. Сæры кæхц асгæрста къухæй æмæ туджы хъæбæртæ, сæры хъуынты тугæй æмгуыдын гуцъулатæ аныдзæвдысты йæ уырзтыл. Цыма йын исчи йæ сæр мæсыджы рæбын бакодта æмæ йæ ныртæккæ ныцъцъист кæндзæн, афтæ йæм каст æмæ йын схъæрзын дæр судзгæ хъизæмар уыд.
Бабе æмæ Бега тынг нæ тыхстысты. Бабейæн йæ къах фæрчытæй æнæбары баст бакодта лечъыр æмæ йын æрмæст сыстæн нæ уыд, æндæр йæ бынаты рабадын йæ бон уыдис. Бегайы къахы нæмыг дыууæ ’лхуыйы астæу ацыд, æмæ йын ныррæсыд, фæлæ йæ рис урæдта.
Солтан сындæггай хъæрзыдта. Йæ сæры царм цæхгæрмæ æртæ къухы бæрц фæйнæрдæм алыгъд æмæ йæ рыст тыххæй урæдта. Ноджы йæ хъæмпыл уæлгоммæ ныппæрстой æмæ йын хъæмпы хæлттæ йæ хъæдгом æрцытау рæхуыстой. Дамбацайы нæмыг оны бын бацыд æмæ дзы, дзыргъайы бырынкъау, афæд кодта. Тæссаг хъæдгом нæ уыд, фæлæ рахиз къухæй фезмæлæн нæй. Æрзилын æй фæнды æмæ йæ бон нæу.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0