Уæрæсейы ХМ фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæХæдтæхæг
Хæдтæхæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik. Уæрæсейаг æфсад дарддæр æнтыстджынæй æххæст кæны хæстон хæслæвæрдтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад (ХМ).
Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой Украинæйы уæлдæфон тыхты дыууæ хæдтæхæджы МиГ-29. Уымæй дарддæр скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты дыууæ вертолеты æмæ æхсæз æнæпилотон тæхæг аппараты.
Запорожаг областы та скуынæг кодтой хæстæрмæджыты æфтауц.
Контрбатарейон тохы рæстæджы скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæтæ "Град" æмæ "Смерч". Оперативон-тактивон авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери сбæрæг кодтой æмæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхъты 83-æм артиллерион дæлхайæдтæ сæ хæстон позициты, афтæ ма удæгас тыхтæ æмæ æфсæддон техникæ 156 районы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 343 хӕдтӕхӕджы, 183 вертолеты, 2653 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 396 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7076 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 928 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3678 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7568 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0