36.ФÆСТАГ ЗАРÆГ

36.ФÆСТАГ ЗАРÆГ
Рафыссын
Гуры ахæстоны лазареты Ака æртыккаг бон амарди. Æртæ мæймæ иннæ цæфтæ иууылдæр сдзæбæх сты æмæ та сæ иу уаты бакодтой. Ныр сæ райдыдтой фæрсын сæ фыдракæндтæй. Къахæй-къухтæм рæхысæй баст уыдысты, фæлæ сын уæддæр дывæлтæр хъахъхъæнджытæ уыд — ма алидзой паддзахы ныхмæ схæцæг абырджытæ.
Зыдтой ахст адæм — бирæ цæрæнбон сын нал ис. Паддзах лæгуарзон адæймаг у, æмæ цæф лæджы æвиппайды нæ мары. Сдзæбæх æй кæн æмæ йæ стæй, хаст кусæрттагау, аргæвд! Хъæндил та йæ хъазæгой зæрдæйыл уыдис, йе ’мбæлттимæ куы сиу, уæдæй фæстæмæ, æмæ сæм номæй дæр нæ дзырдта, æрмæст: "Гъæй, кусæрттæгтæ!..".
Бегаитæ ницы ’мбæхстой сæ митæй: "Хæцыдтæ æфсæдты ныхмæ?" "Хæцыдтæн!" Æмбæхсæн дæр сын нæ уыд. Æргом хæсты фæцæф сты, хæцæны бахаудысты се знаджы къухы. Æрмæст Бега иу æфсон æрымысыд: "Мæсыгмæ барвæндæй нæ бацыдтæн. Ме ’ннæ ’хсæз æмбалы загътой, кæд немæ нæ цæуыс, уæд дæ амардзыстæм". Кæм фæсайдтаид уымæй йæ тæрхонгæнджыты, фæлæ йын йæ ныхас хъуыддаджы ныффыстой. Солтанитæн йе ’фсон куы радзырдта, уæд уыдон бадис кодтой: "Де ’мбæлттыл мæнг ныхас цæмæн загътай?"
— Æдылытæ, афтæ ’нхъæлут, æз æй нæ зонын, уый мæнæн кæй ницы феххуыс уыдзæн? Зонын æй. Сæ цæсты раз цы салдæтты ныццагътон кардæй, уый дæр ме ’мбæлтты тæсмæ уыд? Уымæй сæ нæ фæсайдзынæн. Фæлæ сæ фæсайдтон æндæр хуызы. Уадз æмæ æнхъæлой, хæцгæ чи кодта, уыдонæн сæ хуыздæртæ фесæфтысты! Ахсгæ сын сæ лæмæгъдæрты æркодтой æрмæст! Бамбæрстат?..
Бегаитæ ныххудтысты æмæ Хъæндил йæхицæй бабуц. Чысыл фæстæдæр, куы фæхъус сты, уæд Хъæндил бынтон æндæр хъæлæсæй сдзырдта:
— Кусæрттæгтæ!.. Æцæг кусæрттæгтæ куы стæм, уæд мæн куыд нæма уырны? Диссаг!.. Æвæццæгæн, лæджы ингæны райхъал кæн, уæддæр æй нæ бауырнид, мæлæт ын ис æмæ искуы нал уыдзæн, уый. Зонын æй, абонæй соммæ у мæ цард, фæлæ мæ уырнгæ нæ кæны, зæрдæ йыл нæ сæтты. Æниу æй зонын, лæппутæ, æмæ иу хъуыддаг ’рымысыдтæн. Цæй-ма, зарæг скæнæм нæхиуыл... Куыд зæгъут?
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0