Хуссар Иры театр сабитӕн цӕттӕ кӕны ногазон мюзикл

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон драмон театр
Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценӕйыл ног азмӕ сӕвӕрдзысты мюзикл сабитӕн "Ӕррабег ӕмӕ Зӕнджынбег", фехъусын кодта Sputnik спектаклы режиссёр, театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Ӕрмӕг ирон аргъӕутты бындурыл бацӕттӕ кодта фыссӕг Остъаты Алан. Спектакль ӕвӕрд цӕуы Культурӕйы министрады заказмӕ гӕсгӕ.
"Фӕнд кӕнӕм аргъауыл куыст балхынцъ кӕнын азы кӕронмӕ ӕмӕ дзы сабиты барӕвдауын 2023 азы фыццаг бонты", - загъта Дзуццаты Тамерлан.
Сабиты спектаклыл кусы бирӕ бӕрцӕй ӕвзонг курдиатджын актёрты сконд, сӕ нымӕцы театралон факультеты студенттӕ дӕр.
"Сӕйраг фӕлгонцтӕ бакодтам ӕвзонг актёртӕ Уалыты Георгий ӕмӕ Туаты Аланы бӕрны. Спектаклы ма архайынц фӕлтӕрд актёртӕ Хуыгаты Дзамболат, Таугазты Дзерассӕ ӕмӕ студенттӕ", - бахахх кодта уый.
Ногазон сывӕллӕтты мюзиклӕн музыкӕ ныффыста номдзыд композитор Плиты Мурӕт. Премьерон равдысттӕ нысан сты 3-6 январьмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0