Ирон фысджытæ. Джимиты Георгий

Джимиты Георгий
Рафыссын
Ирон советон литературæйы, бæлвырддæрæй та нæ советон драматургийы, зынгæ бынат æрцахста кинорежиссер æмæ драматург Джимиты Савелы фырт Георги. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ нæ литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдон æхсæн ис Джимиты Георгийы ном дæр. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ирон профессионалон театртæ сæ фæзынды бонæй цы пьесæтæй райдыдтой кусын, уыдонæй иуты автор уыд Джимиты Георги.
Георги ирон советон драматургимæ аккаг хуынтимæ æрбацыд, йæ уацмыстæ кæд нымæцæй дзæвгар не сты, уæддæр цы цъус ныффыста, уыдон та сты актуалон, рæгъмæ рахæссинаг, се скойы аккаг.
Цыбыр уыдысты йæ царды бонтæ драматургæн, æдæппæтæй 37 азы æмæ уыдонæй дæр сæ хуыздæр бонтæ схардз кодта режиссеры куыстæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0