Цæгат Иры 2023 азы райдайдзысты агрокомплексы арæзтад

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæХоры тыллæг
Хоры тыллæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Инвестпроекты реализаци нывæнды сæххæст кæнын компани "ЭКС", хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ. Егъау проекты арæзтад нывæндынц райдайын фидæн аз.
"Компани 2024 азмæ фæнд кæны рахизын æххæст рауагъдадон гуырахстмæ. Бæрзонд технологион ифтонггарзы руаджы фадат уыдзæн æлхæнын, æвæрын æмæ рацаразын хъæууонхæдзарадон тыллæг республикæйы мидæг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Проекты реализацийы бавæрдзысты æртæ миллиард сомæй фылдæр. Уагдоны баконд куысты бынæттæ ратдзæн 170-æй фылдæр адæймагæн, уый руаджы бюджетмæ цæудзысты хъалонон фиддонтæ 300 милуан сомы бæрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0