Цæгат Иры бакодтой тоннель "Мамысон"-ы курортмæ

© Photo : Пресс-служба главы и правительства Северной ОсетииЦæгат Иры бакодтой тоннель "Мамысон"-ы курортмæ
Цæгат Иры бакодтой тоннель Мамысон-ы курортмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны эксплуатацимæ радтой тоннель туристон комплекс "Мамысон"-мæ, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Тоннелы дæргъ у 496 метры. Объекты арæзтадыл бахардз кодтой 1,1 миллиард сомы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Транспортон тоннель у фæндаджы иуыл ахсджиагдæр хæйттæй сæ иу, кæцы цæуы фидæны курорт "Мамысон"-мæ. Цалцæггæнæн куыстытæ уагъд цыдысты дыууæ азы дæргъы.
Пресс-службæйы бафтыдтой, зæгъгæ, цытджын церемонийы фæстæ тоннелы уылты фыццаг аскъæрдта уæзласæн хæдтулгæты автоколоннæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0