Уæрæсейаг æфсæддонтæ не ‘руагътой æрбакæнын Украинæйы Гарзджын тыхты фæсауæрцтæ

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ
Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ не ‘руагътой æрбакæнын знаджы тыхтæ Донецкаг здæхтыл. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Дырыс æхстæй скуынæг кодтой 80 украинæйаг æфсæддоны, æртæ бронехæдтулгæйы æмæ цыппар хæдтулгæйы.
Уæрæсейаг æфсæддонтæн бантыст скуынæг кæнын Украинæйы æфсæдты оперативон-тактикон къорд "Лиман"-ы фæткдаруаты пункт æмæ хæстæрмæджыты æфтауц Краматорскы районы. Æфтауц скуынæг кæныны фæстиуæгæн знаг фесæфта залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы дыууæ мины онг сармадзаны æмæ æртæ мин артиллерион сармадзаны.
Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой æртæ æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы иу сармадзан.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 343 хӕдтӕхӕджы, 183 вертолеты, 2658 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 396 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7099 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 931 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3685 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7599 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0