https://sputnik-ossetia.com/20221214/yugosetpotrebnadzory-srgluug-banysan-kodta-respublikyy-gnn-is-ky-ua-khuyty-gripp-20463044.html
Югосетпотребнадзоры сæргълæууæг банысан кодта, республикæйы гæнæн ис кæй уа "хуыты грипп"
Югосетпотребнадзоры сæргълæууæг банысан кодта, республикæйы гæнæн ис кæй уа "хуыты грипп"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор не сбæрæг кодта, гриппы кæцы штаммæй сты рынчын республикæйы, фæлæ симптомтæм гæсгæ, кæцытæ бæлвырд... 14.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-14T13:33+0300
2022-12-14T13:33+0300
2022-12-14T13:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/994/93/9949341_0:107:3240:1930_1920x0_80_0_0_ec5e65344c9cffa8c305c42a9a56ce9d.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор не сбæрæг кодта, гриппы кæцы штаммæй сты рынчын республикæйы, фæлæ симптомтæм гæсгæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц дохтыртæ, уый гæнæн ис уа "хуыты грипп".Уый размæ Роспотребнадзоры сæргълæууæг Анна Попова фехъусын кодта, Уæрæсемæ кæй æрбацыд гриппы иууыл тæссагдæр штамм – "хуыты грипп". Уый бахахх кодта, дзырд кæй цæуы А (H1N1) гриппыл, кæцыйæн ис парахат кæныны бæрзонд потенциал. Ацы низ расидт пандеми 2009-2010 азты.Уый бафтыдта, зæгъгæ, республикæйы цæрджытæ арæх цæуынц Уæрæсемæ, æмæ кæд уым ис сезонон грипп кæнæ æндæр штаммæй рынчынкæнынады æмвæзады рæзт, уæд уый æрцæудзæн Хуссар Ирыстонмæ дæр.Йæ ныхæстæм гæсгæ, лабораторитæ, кæцыты бæрæг кæнынц штамттæ, сты æндæр æмвæзады лабораторитæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/994/93/9949341_268:0:2999:2048_1920x0_80_0_0_26fae3f542b18b432e07126a781d084a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор не сбæрæг кодта, гриппы кæцы штаммæй сты рынчын республикæйы, фæлæ симптомтæм гæсгæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц дохтыртæ, уый гæнæн ис уа "хуыты грипп".
Уый размæ Роспотребнадзоры сæргълæууæг Анна Попова фехъусын кодта, Уæрæсемæ кæй æрбацыд гриппы иууыл тæссагдæр штамм – "хуыты грипп". Уый бахахх кодта, дзырд кæй цæуы А (H1N1) гриппыл, кæцыйæн ис парахат кæныны бæрзонд потенциал. Ацы низ расидт пандеми 2009-2010 азты.
"Æрвылаз гриппы структурæйы вæййынц алыхуызон штаммтæ. Ацы аз, Роспотребнадзоры информацимæ гæсгæ, размæ рацыд штамм H1N1, кæцы мах хонæм "хуыты грипп", - загъта Хуссар Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, республикæйы цæрджытæ арæх цæуынц Уæрæсемæ, æмæ кæд уым ис сезонон грипп кæнæ æндæр штаммæй рынчынкæнынады æмвæзады рæзт, уæд уый æрцæудзæн Хуссар Ирыстонмæ дæр.
"Мах нæ бæрæг кæнæм, кæцы штамм нæм ис фылдæр бæрцæй, фæлæ симптомтæм гæсгæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц дохтыртæ, уый гæнæн ис уа "хуыты грипп", - загъта Коцты Марина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, лабораторитæ, кæцыты бæрæг кæнынц штамттæ, сты æндæр æмвæзады лабораторитæ.