https://sputnik-ossetia.com/20221215/dzudzhykhuy-aeroporty-bafystoy-badzyrd-transport-m-turizmy-rayrzty-fdyl-20486765.html
Дзæуджыхъæуы аэропорты бафыстой бадзырд транспорт æмæ туризмы райрæзты фæдыл
Дзæуджыхъæуы аэропорты бафыстой бадзырд транспорт æмæ туризмы райрæзты фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы æхсæнадæмон аэропорты ног терминалы цыппæрæмы бафыстой æртæварсон бадзырдтæ туризмы райрæзтæн. Фыццаг... 15.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-15T13:31+0300
2022-12-15T13:31+0300
2022-12-15T13:31+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
дзӕуджыхъӕу
туризм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/0f/20481518_158:361:1223:960_1920x0_80_0_0_a631930390c23591946f8dfecb3d5ff5.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы æхсæнадæмон аэропорты ног терминалы цыппæрæмы бафыстой æртæварсон бадзырдтæ туризмы райрæзтæн. Фыццаг документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой аэропорты гендиректор Сергей Чалов æмæ аивакомпани "Северный ветер"-ы минæвар Антон Маттис.Гендиректоры ныхæстæм гæсгæ, бадзырд фадат дæтты кусын ног здæхтыты æмæ организаци кæнын рейстæ."Северный ветер"-ы минæвар банысан кодта, компани кæй райста атахтыты программæ Цæгат Кавказы регионтæм.Дыккаг документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой туризмы фæдыл цæгатирыстойнаг комитеты сæргълæууæг Дзæрæхохты Ацæмæз æмæ туроператор "Пегас Туристик"-ы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Илона Чиханацкая.Дзæрæхохты Ацæмæз банысан кодта, уый кæй у стыр къахдзæф туристты нымæц фæфылдæр кæнынмæ.Чиханацкаяйы ныхæстæм гæсгæ, аэропорт "Дзæуджыхъæу" æмæ Цæгат Ирыстон тынг цымыдис кæнынц туроператоры куыдж туризмы регион.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/0f/20481518_302:360:1102:960_1920x0_80_0_0_3f9306cdda8bb8caf50bd0fb8f61421f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, дзӕуджыхъӕу, туризм
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, дзӕуджыхъӕу, туризм
Дзæуджыхъæуы аэропорты бафыстой бадзырд транспорт æмæ туризмы райрæзты фæдыл
ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы æхсæнадæмон аэропорты ног терминалы цыппæрæмы бафыстой æртæварсон бадзырдтæ туризмы райрæзтæн. Фыццаг документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой аэропорты гендиректор Сергей Чалов æмæ аивакомпани "Северный ветер"-ы минæвар Антон Маттис.
Гендиректоры ныхæстæм гæсгæ, бадзырд фадат дæтты кусын ног здæхтыты æмæ организаци кæнын рейстæ.
"Абон мах сæххæст кодтам æнæхъæн аз нæ цы фæндыд, уый, райстам субсидитæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, пассажиртæн нрыидæгæн дæр сæ бон у кæсын, æвзарын командировкæтæ æмæ туристон балцытæ", - загъта Чалов.
"Северный ветер"-ы минæвар банысан кодта, компани кæй райста атахтыты программæ Цæгат Кавказы регионтæм.
Дыккаг документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой туризмы фæдыл цæгатирыстойнаг комитеты сæргълæууæг Дзæрæхохты Ацæмæз æмæ туроператор "Пегас Туристик"-ы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Илона Чиханацкая.
Дзæрæхохты Ацæмæз банысан кодта, уый кæй у стыр къахдзæф туристты нымæц фæфылдæр кæнынмæ.
Чиханацкаяйы ныхæстæм гæсгæ, аэропорт "Дзæуджыхъæу" æмæ Цæгат Ирыстон тынг цымыдис кæнынц туроператоры куыдж туризмы регион.
"Мах нывæндæм 2023 азы рауæрæх кæнын æмгуыстад бынæттон компанитимæ æмæ фæфылдæр кæнын туристты нымæц республикæйы", - бахахх кодта уый.