Ирон фысджытæ. Хозиты Яков

Хозиты Яков
Рафыссын
Ирон советон литературæйы ахсджиаг бынат æрцахста Хозиты Яковы ном, йе сфæлдыстад. Æртынæм азты нæ литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны фыццæгтæй, сæ раззагон зиууæттæй уыд Хозиты Яков.
Ирон адæм цæрæццаг гуырд кæй хуыдтой, ахмæ уыдис Яков: хъæлдзæг, цардбæллон, хæдæфсæрм, æнæзивæг. Йе ‘взонджы бонты не ‘фсæст царды хæрзиуджытыл цин кæнынæй. Æнæкæрон уыд йæ цин дзыллæйы цардыл, дуджы размæцыдыл, Октябры æвæджиаг хæрзиуджытыл. Не ‘фсæст зарынæй йе ‘взонджы бонты равзæрст фæндагыл цæугæйæ. Гъе, фæлæ æвзонг поэтæн йæ бæллицтæ сæххæст кæнын нæ бантыст, царды адджын хæйттæй фаг комдзæгтæ не скодта. Цы зæхх, цы адæмыл зарыд, уыдоны цæрæнбонты тыххæй йын зæрдæйы фаг ныззарын нæ бантыст. Нæ бантыст уымæн æмæ йæ царды бонтæ уыдысты хæрз цыбыр, æдæппæтæй 22 азы. Уыдонæй литературон куыстæн схай кодта 9 азы.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0