Ирон фысджытæ. Саулохты Мухтар

Саулохты Мухтар
Рафыссын
Ирон советон литературæмæ 1930 азты цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны æхсæн зынгæ бынат æрцахста Саулохты Мухтары ном, йе сфæлдыстад. Цыбыр уыдысты фыссæджы царды бонтæ – æдæппæтæй 31 азы.
Ферттывта цæхæркалгæ стъалыйау йæ адæмы æхсæн æмæ нæ литературæйы. Æцæг æбæрæг сæфт нæ фæкодта, йæ фæллæйтты гæнах ын æнусбонтæм радта цæрæццаг ном æмæ кад.
Аккаг зиууоныл нымад уыд Мухтар нæ литературæйы. Цæрдæг уыд йæ фезмæлд, уынаг – йæ цæст, æвæллайгæ йæ куысты, литературæйы жанртæй йæ тыхтæ сфæлвæрдта поэзи æмæ драматургийы, æмæ йын æнæбон лæджы схæст æмæ бафæлвæрд нæ уыдысты, йæ æрдзон курдиат ын фадат лæвæрдта йæ дзыллæйы размæ ракойы аккаг чи у, ахæм уацмыстæй рахæссынæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0