Хуссар Иры аивтой ногазон мадзӕлтты иу хай

© Sputnik / Андрей Сорокин /  Ахизын медиабанкмæНаз бӕлас
Наз бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад ацы аз традицион ногазон мадзӕлтты иу хай нӕ сараздзӕн театралон фӕзуаты. Раздӕры нывӕзтӕй ӕххӕст ӕрцӕудзӕн ӕрмӕст сабитӕн цы фӕнд кодтой, уый. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.
Уымӕй размӕ ӕнгӕс уынаффӕ хаст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны дӕр.
"Ногазон мадзӕлтты нывӕзт фӕкъуындӕг кӕныны уынаффӕ хаст ӕрцыд республикӕйы разамынадимӕ иумӕ. Ацы аз театралон фӕзуаты нӕ уыдзӕн традицион концерттӕ ног азы къӕсӕрыл ӕмӕ январы фыццаг бонты. Нӕ уыдзӕн фейерверк дӕр", - загъта Зӕгъойты Рада.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ нывӕзтӕй сӕххӕст кӕндзысты ӕрмӕст сабиты равдысттӕ.
"Паддзахадон театры 23 декабры ацӕудзӕн Уӕрӕсейы минӕвӕрады Наз бӕласы мадзал. Ацы азы фӕстаг бонты театралон фӕзуаты бакӕндзысты республикон Наз бӕлас. Ӕрбалӕугӕ азы фыццаг бонты та театры сценӕйыл ӕвдыст цӕудзӕн сывӕллӕтты мюзикл, кӕцыйыл куыст фӕуд кӕны", - бафтыдта уый.
Мюзиклы премьерӕ ацӕудзӕн 29 декабры, премьерон равдысттӕ нысан сты 3, 4, 5 ӕмӕ 6 январы.
Ног хабӕртты лентӕ
0