https://sputnik-ossetia.com/20221215/khussar-iry-atsy-az-samal-kanyn-uydzan-udagas-naz-balas-nog-azma-20491151.html
Хуссар Иры ацы аз самал кӕнын уыдзӕн удӕгас наз бӕлас Ног азмӕ
Хуссар Иры ацы аз самал кӕнын уыдзӕн удӕгас наз бӕлас Ног азмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацы аз гӕнӕн уыдзӕн балхӕнын удӕгас наз бӕлас, амалиуӕгдартӕ ныфс дӕттынц уыдон ӕрласын... 15.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-15T16:25+0300
2022-12-15T16:25+0300
2022-12-15T16:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ног аз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0c/10/11561297_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_14090c49aa548ec63a3a991258d72065.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацы аз гӕнӕн уыдзӕн балхӕнын удӕгас наз бӕлас, амалиуӕгдартӕ ныфс дӕттынц уыдон ӕрласын фӕсарӕнты таладӕттӕй. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Хъӕды хӕдзарады хистӕры фыццаг хӕдивӕг Къӕбулты Батрадз.Фарон Цхинвалы нӕ уыд ссарӕн удӕгас наз бӕлӕстӕ, уӕд амалиуӕгдартӕн фӕзынд зындзинӕдтӕ се 'рласынимӕ арӕны сӕртыл.Уый ма бафтыдта, 18 декабрӕй республикӕйы кӕй сцайдагъ уыдзысты рейдтӕ, цӕмӕй ӕнӕзакъонӕй бӕлас цагъд ма цӕуа."Мадзӕлтты архайдзысты Хъӕды хӕдзарады ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ. Рейдтӕ цӕудзысты куыд нӕзты кӕм калынц, уыцы бынӕтты, афтӕ сӕ уӕй кӕныны пункты дӕр. Фӕткхалджытӕ та цӕудзысты ивар, иу метр наз бӕласы ракалӕг ивар цӕудзӕн ӕртӕ мин сомӕй", - бафтыдта уый.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0c/10/11561297_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_5fab298cb6729d723e0d947dd5c93579.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ног аз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ног аз
Хуссар Иры ацы аз самал кӕнын уыдзӕн удӕгас наз бӕлас Ног азмӕ
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацы аз гӕнӕн уыдзӕн балхӕнын удӕгас наз бӕлас, амалиуӕгдартӕ ныфс дӕттынц уыдон ӕрласын фӕсарӕнты таладӕттӕй. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Хъӕды хӕдзарады хистӕры фыццаг хӕдивӕг Къӕбулты Батрадз.
Фарон Цхинвалы нӕ уыд ссарӕн удӕгас наз бӕлӕстӕ, уӕд амалиуӕгдартӕн фӕзынд зындзинӕдтӕ се 'рласынимӕ арӕны сӕртыл.
"Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ бынӕттон бӕлӕстӕ уӕй нӕ цӕудзысты, уӕлвӕтк уыдзӕн ӕрмӕст организацитӕ ӕмӕ уагдӕттӕн, кӕцытӕ развӕлгъау радтой куырдиӕттӕ. Фӕлӕ Цӕгат Ирыстоны ис таладӕттӕ ӕмӕ нын амалиуӕгдартӕ ныфс радтой, ивгъуыд азы хуызӕн проблемӕ ацы аз кӕй нал уыдзӕн", - загъта Къӕбулты Батрадз.
Уый ма бафтыдта, 18 декабрӕй республикӕйы кӕй сцайдагъ уыдзысты рейдтӕ, цӕмӕй ӕнӕзакъонӕй бӕлас цагъд ма цӕуа.
"Мадзӕлтты архайдзысты Хъӕды хӕдзарады ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ. Рейдтӕ цӕудзысты куыд нӕзты кӕм калынц, уыцы бынӕтты, афтӕ сӕ уӕй кӕныны пункты дӕр. Фӕткхалджытӕ та цӕудзысты ивар, иу метр наз бӕласы ракалӕг ивар цӕудзӕн ӕртӕ мин сомӕй", - бафтыдта уый.