Цхинвалы спрезентаци кæндзысты культурон центр Абайты Васойы хæдзар-музейы

© Sputnik / Наталья АйриянАбайты Васойы хæдзар-музей
Абайты Васойы хæдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цыппæрæмы ацæудзæн культурон центры презентаци номдзыд ахуыргонд Абайты Васойы хæдзар-музейы.
Ахуыргонды хæдзар музейы бакодтой фарон аз, уый басыгъд гуырдзиаг агрессийы рæстæджы 2008 азы. Цалдæр мæйы размæ уагдоны сæргъ слæууыд Хуссар Ирыстоны культурæйы раздæры министр Остъаты Мæдинæ. Культурон центр бакæндзысты нысаниуæгджын бон – 15 декабры 122 азы сæххæст Абайты Васойы райгуырдыл.
Хæдзар-музейы директор Остъаты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, мадзалы размæ студенттæ, интеллигенци æмæ æхсæнады минæвæрттæ сæвæрдзысты дидинтæ ахуыргонды цыртдзæвæнмæ Цхинвалы центры.

"Уый фæстæ мадзæлттæ адарддæр уыдзысты Абайты Васойы хæдзар-музейы. Мах сарæзтам уым иу хатæн, музейон ифтонгад балхæнынæн нын баххуыс кодта Нацбанк æмæ йæ сæргълæууæг Джиоты Жанна. Уым уыдзысты экспонаттæ, кæцытæ ис музейы. Музейы раздæры директор Плиты Юзайы руаджы уыдонæй кæцыдæртæ бавæрдтам", - радзырдта директор.

Музейы фонд баххæст кæнынæн баххуыс кодтой Хуссар Ирыстоны бирæ æмбæстæгтæ, сæ нымæцы фæсарæнты чи цæры, ахæмтæ. Сæ хайбавæрд бахастой экс-президент Тыбылты Леонид, æхсæнадон архайæг Бететы Юрий, Абайты Васойы ахуыргæнинаг профессор Битарты Зоя, ахуыргонд Дзаттиаты Георгий æмæ профессор Остъаты Джульеттайы бинонтæ æмæ æндæртæ.
Абайты Васо райгуырд 1900 азы 2 декабры (15 декабры ног нымадмӕ гӕсгӕ). Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0