Ирон фысджытæ. Санаты Уари

Санати Уари
Рафыссын
Йæхи царды хабæрттæ æмæ сфæлдыстадон миниуджытæ ис Уарийæн. Йæ ном æмæ йе сфæлдыстадон бынтæ сæрмагонд бынат ахсынц нæ литературæйы. Уари йæ рæстæджы куырыхон лæгтæн сæ зынгæдæр уыд. Нымад уыд Иры кæмтты йæ уаг, йæ ахаст, йæ дзырдарæхст æмæ йæ диссаджы зæрдæйы скондæй.
Ирон лæг Уарийы ном куы фæзæгъы, Уарийы ном куы фехъусы, уæд цæстыты раз сысты Ирыстоны æбуалгъ дуг, цагъарады рæстæг, къласон дихдзинад, туджы мæцæг мыггæгтæ, сæ цардамонд кæмæн басыгъд, ахæм сылгоймæгтæ, сæ уæззау цæфтыл хæцæг лæппу лæгтæ, сауты фæлыст ныййарæг мæдтæ, фæздæгæй арыд хæцæн мæсгуытæ. Уари бирæ федта, Уари бирæ фехъуыста йæ рæстæджы æбуалгъ хабæрттæм æмæ сæ фæфыста диссаджы мæлгъæвзагæй.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0