https://sputnik-ossetia.com/20221216/khussar-iry-dyuu-mbstagn-radtoy-urseyy-kulturyy-ministrady-maydant-20506904.html
Хуссар Иры дыууæ æмбæстагæн радтой Уæрæсейы Культурæйы министрады майдантæ
Хуссар Иры дыууæ æмбæстагæн радтой Уæрæсейы Культурæйы министрады майдантæ
ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Майрæмбоны райсом Уæрæсейы минæварады бæстыхайы Хуссар Ирыстоны ацыд УФ Культурæйы министрады майдантæй "Великий... 16.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-16T15:25+0300
2022-12-16T15:25+0300
2022-12-16T15:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/10/20502074_0:0:3073:1728_1920x0_80_0_0_65d89a8f61d2f8ff59ff84d3a22b8829.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Майрæмбоны райсом Уæрæсейы минæварады бæстыхайы Хуссар Ирыстоны ацыд УФ Культурæйы министрады майдантæй "Великий русский писатель Ф.М. Достоевский" хорзæхкæныны церемони.Уæрæсейаг минæвар республикæйы Марат Кулахметовы къухтæй майдантæ райстой историон зонæдты кандидат, Зонад-иртасæн институты кусæг Хъуылымбегты Роберт æмæ ХИПУ уырыссаг кафедрæйы доцент Тедеты Зæлинæ.Хъуылымбегты Роберт бузныг загъта Уæрæсейы Культурæйы министрад æмæ Марат Кулахметовы хорзæхы тыххæй."Достоевский, æвæццæгæн, фæдис уыдаид, куы базыдтаид, Ирыстоны йын йæ хъуыдытæ кæй размæ кæнынц, уæд", - загъта Хъуылымбегты Роберт.Тедеты Зæлинæ дæр бузныг загъта æмæ банысан кодта "Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы Ассоциацийы" хайбавæрд уырыссаг культурæйы райрæзтмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/10/20502074_5:0:2734:2047_1920x0_80_0_0_4c715ab0c73cd322876945108416e97f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
Хуссар Иры дыууæ æмбæстагæн радтой Уæрæсейы Культурæйы министрады майдантæ
15:25 16.12.2022 (Ранӕуӕггонд: 15:26 16.12.2022) ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Майрæмбоны райсом Уæрæсейы минæварады бæстыхайы Хуссар Ирыстоны ацыд УФ Культурæйы министрады майдантæй "Великий русский писатель Ф.М. Достоевский" хорзæхкæныны церемони.
Уæрæсейаг минæвар республикæйы Марат Кулахметовы къухтæй майдантæ райстой историон зонæдты кандидат, Зонад-иртасæн институты кусæг Хъуылымбегты Роберт æмæ ХИПУ уырыссаг кафедрæйы доцент Тедеты Зæлинæ.
Хъуылымбегты Роберт бузныг загъта Уæрæсейы Культурæйы министрад æмæ Марат Кулахметовы хорзæхы тыххæй.
"Достоевский, æвæццæгæн, фæдис уыдаид, куы базыдтаид, Ирыстоны йын йæ хъуыдытæ кæй размæ кæнынц, уæд", - загъта Хъуылымбегты Роберт.
Тедеты Зæлинæ дæр бузныг загъта æмæ банысан кодта "Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы Ассоциацийы" хайбавæрд уырыссаг культурæйы райрæзтмæ.