Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта профессионалон турнир Уæрæсейы

© Photo : Из личного архива тренера В. ДжиоеваЦхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта профессионалон турнир Уæрæсейы
Цхинвайлаг æрмхæцæг рамбылдта профессионалон турнир  Уæрæсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армрестилингы скъолайы хъомылгæнинаг Хæбæлаты Арсен рамбылдта профессионалон турнир "Кубок Дружбы", фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Джиоты Валерий.
Ерыстæ цыдысты 16-18 декабры Калмыкийы.

"Хæбæлаты Арсен стох кодта 90 килограммы уæзы æмæ ссис профессионалты 'хсæн уæлахиздзау. Уый ацы фæззæг кæрæдзи фæдыл æмбулы турниртæ", - загъта тренер.

Гуырахстджын ерысты уый нæ иунæг минæвар нæ уыд, хорз æнтыстытæ бафтыд нæ аннæ номдзыд спортсменты къухы дæр.
"Гасситы Сослан стох кодта иууыл стырдæр уæзы категорийы, йæ ныхмæлæуджытæ дзы уыдысты зынгæ егъаудæр, уымæ гæсгæ ссис æрмæст æртыккаг. Ацы ерысты хатдзæгмæ æнæкæсгæйæ Сослан у стыр спортсмен, æнæкъуыхцы та стыр уæлахизтæ нæ вæййы", - бафтыдта тренер.
Профессионалон турнир "Кубок Дружбы"-йы æвзист призер та 70 кг уæзы ссис Хуссар Иры иууыл æнтыстджындæр чызг-æрмхæцæг Дыгъуызты Милена.
Ног хабӕртты лентӕ
0