Уæрæсейы адарддæр кодтой атахтытыл арæнæвæрдтæ 27 декабры онг

© Sputnik / Кирилл КаллиниковАэропорт
Аэропорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Росавиацийы фехъусын кодтой, кæй адарддæр кодтой арæнæвæрдтæ 11 уæрæсейаг аэропортмæ атахтытыл 27 декабры онг.
"Атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ централон хӕйтты 11 аэропорты адарддӕр уыдзӕн 27 декабры онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Рӕстӕгмӕ арӕнӕвӕрдтӕ ӕххӕссынц Анапӕ, Белгород, Брянск, Воронеж, Геленджик, Краснодар, Курск, Липецк, Ростов-на-Дону, Симферополь ӕмӕ Элистайы аэропорттӕм батахтытыл.
Аэропорттӕм атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой 24 февралӕй фӕстӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0