Гаглойты Алан раарфæ кодта паддзахадон æдасдзинады кусджытæн

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Паддзахадон æдасдзинады кусджытæ хъахъхъæнынц бæстæйы интерестæ, йе ‘мбæстæгты. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы телы республикæйы паддзахадон æдасдзинады органты кусæджы боны цытæн.
"Æдасдзинад у ахсджиаг фактор паддзахады стабилон райрæзтæн. Паддзахадон æдасдзинады органтæ хъахъхъæнынц бæстæйы интерестæ - иуварс кæнынц фыдракæндтæ, кæцытæ хæссынц тæссагдзинæдтæ мидæггагон æмæ æддагон æдасдзинадæн, хъахъхъæнынц æмбæстæгты æмæ æхсæнады", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæлдай бузныг Гаглойты Алан загъта паддзахадон æдасдзинады органты ветерантæн, кæцытæ снывонд кодтой Фыдыбæстæйæн службæйæн сæ тыхтæ æмæ фæлтæрддзинад, схъомыл кодтой кусджыты ног фæлтæр.
"Ацы нысаниуæгджын бон ма мæ фæнды раарфæ кæнын ФÆС Уæрæсейы Арæнгæрон дæлхайады къухдариуæгад æмæ кусджытæн, кæцытæ Хуссар Ирыстоны ПÆК Арæнгæрон службæимæ иумæ хъахъхъæнынц сабырдзинад æмæ стабилондзинад нæ зæххыл", - загъта президент.
Гаглойты Аланы цæст бауарзта паддзахадон æдасдзинады кусджытæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ сæ службæйы, сæ хиуæттæн та – сабырдзинад æмæ хæрзæбон.
Ног хабӕртты лентӕ
0