Хуссар Иры æрныхас кодтой 2022 азмæ Инвестпрограммæйы реализацийы фæстиуджыты тыххæй

© Photo : Пресс-служба Правительства РЮОХуссар Иры æрныхас кодтой 2022 азмæ Инвестпрограммæйы реализацийы фæстиуджыты тыххæй
Хуссар Иры æрныхас кодтой 2022 азмæ Инвестпрограммæйы реализацийы фæстиуджыты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин ауагъта штабы радон рабадт Хуссар Ирыстоны 2022 азы социалон-экономикон райрæзты æмгуыстады инвестицион программæйы контроль кæныны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны министрты кабинеты пресс-службæ.
Уынаффæйы æмбырды рæстæджы æркастысты 13 Коммунары уынджы Стыр Леуахийы уылты хиды ацæуæны эскиз сфидар кæныны фарстытæм, цæмæй фæлгасæны фæзуаты проектмæ ивындзинæдтæ уа бахæссæн.
Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ министр Зæгъойты Эдуард радзырдта Инвестпрограммæйы мадзæлттæ куыд цæуынц æххæст, ууыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 18 объектæй ацы аз эксплуатацимæ ратдзысты 13, иннæ фондз объекты нывæзтмæ гæгсæ ахиздзысты 2023 азмæ.
Джуссойты Константин банысан кодта, разы кæй у арæзтады процессæй, профилон уагдонты æмгуыстады фæрцы куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ.

"Мах практикон æгъдауæй бахæццæ стæм 2022 азы инвестицион программæйы фæудмæ. Иумæйагæй райгонд дæн куыстыты цыдæй æмæ æмбæлонæй аргъ кæнын уæ куыстæн. Алы аз дæр хъуамæ уа фæзтиуæгджын. Фидæнмæ фæхуыздæр кæндзыстæм арæзтады системæ, цæмæй куыст эффективонæйдæр цæуа", - загъта уый амайджытæн.

Хуссар Иры премьер бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куысты темптæ Инвестпрограммæйы объекттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2022
Хуссар Иры премьер бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куысты темптæ Инвестпрограммæйы объекттыл
Ног хабӕртты лентӕ
0