Хуссар Иры сног кодтой районон газет "Дзау"-ы рауагъдад

© PhotoХуссар Иры сног кодтой районон газет "Дзау"-ы рауагъдад
Хуссар Иры сног кодтой районон газет Дзау-ы рауагъдад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны сног кодтой районон газет "Дзау"-ы рауагъд 30 азы фӕстӕ. Рауагъд рацыд газет "Республика"-йы бындурыл. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта газеты сӕйраг редактор Хъоцыты Андрей.
"Дзау"-ы фыццаг номыры аст сыфыл сты районы ног хабӕрттӕ, се 'нтыстытӕ, интервью районы хистӕримӕ ӕмӕ ӕндӕр темӕтӕ.
"Ацы хъуыды нӕ газеты редакци рагӕй хаста. Бантыст йын сӕххӕст кӕнын редколлеги ӕмӕ Дзауы районы администрацийы ӕмгуысты руаджы. Нӕ фӕнды ис уадзын газет мӕй иу хатт", - загъта Хъоцыты Андрей.
Газет "Республика" уымӕй дарддӕр фӕнд кӕны аннӕ районы газетты рауагъдад дӕр сног кӕнын.
"Республикӕ" газет цӕуы ӕрвыл къуыри, ома мӕй цыппар хатт. Алы номыры дӕр фӕнд кӕнӕм уадзын иу районы уӕлӕмхасӕн", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы газет фыццаг хатт мыхуыры ӕрцыд 1939 азы, уӕд йӕ ном хуынд "Социалистон фосдард". 1966 азы газет райста ног ном Дзау. Фӕстаг номыр рацыд 1993 азы. Ӕдӕппӕтӕй та газет "Дзау"-ӕн рацыд фондз мин номыры.
Ног хабӕртты лентӕ
0