ПД æркæсдзысты законы проектмæ скъоладзаутæн фыццæгæм сентябрмæ æрвылазон фиддонты фæдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæСкъоладзау
Скъоладзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Ленинграды областы закондæттæг æмбырд банхъардта бахæссын Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ (ПД) федералон законы проект "О ежегодной денежной выплате в связи с началом учебного года". Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта РЦИ-Аланийы депутат, зонад, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы фæдыл комитеты сæрдар, фракци "КПРФ"-ы уæнг Елена Князева.
Депутаттæ банхъардтой снысан кæнын ныййарджытæ æмæ хъомылгæнджытæн æрвылазон фиддон 15 мин сомы бæрц алкæцы сывæллоны фæдыл дæр ног ахуырадон азмæ.
Князевайы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъæппæрис актуалон кæй у, уый тыххæй йæ хъуамæ УФ Федералон æмбырд дæр хорзыл банымайа.
"Ацы хъæппæрисы социалон характер æмæ ахсджиагдзинад хынцгæйæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ йæ хорзыл банымайы Федералон æмбырд. Ацы æхцатæ баххуыс кæндзысты ныййарджытæн æрæмбырд кæнын сывæллоны фыццæгæм сентябрмæ. Сæйраджыдæр, нæ кавказаг бинонты, цы ран вæййы бирæ сывæллæттæ", - загъта Князева.
Законы проектмæ гæсгæ, фиддонтæ лæвæрд цæудзысты æрвылаз индексацийы коэффициент хынцгæйæ. Князева банысан кодта, фиддонтæ райсынæн Госуслугимæ хъæудзæн бавдисын сывæллоны райгуырды фæдыл æвдисæндар æмæ документтæ, кæцытæ фидар кæнынц йæ ахуыр скъолайы.
Цæгат Ирыстон та банхъардзæн ивындзинад, цæмæй фиддонтæ исой сывæллæттæ, кæцытæ цæрынц фæсарæнты.
Ног хабӕртты лентӕ
0