Цхинвалы цæрæджы æрурæдтой чындзæхсæвы æхсыны тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы цæрæджы баурæдтой чындзæхсæвы æхстыты тыххæй
Цхинвалы цæрæджы баурæдтой чындзæхсæвы æхстыты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны урæд æрцыд 25-аздзыд цæрæг – чындзхæсджыты хæдтулгæйы пассажиртæй иу, кæцы райдыдта æхсын столицæйы. Уый тыххæй хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

"Инцидент æрцыд ацæугæ хуыцаубоны, столицæйы. Хæдтулгæ Lexus-æй, кæцы цыд чындзхæсджыты кортежы, пассажиры раззаг бынаты рудзынгæй цалдæр æхсты фæкодтой уæлдæфмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

МСНК кусджытæ баурæдтой чындзхæсджыты хæдтулгæ æмæ йæ басгæрстой. Ссардтой æмæ байстой хæдтулгæйы пассажирæй пистолет EKOL Aras Magnum системæйæ.
Фæткхалæджы бахæццæ кодтой Цхинвалы мидхъуыддæгты хайадмæ. Æрцæугæ цауы фæстиуæгæн цæуынц оперативон-сгарæн мадзæлттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0