Интернет-провайдер "Юг-Телеком" сног кӕндзӕн смс-хъусинӕгтӕ

CC0 / 3844328 / RouterWi-Fi роутер
Wi-Fi роутер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны интернет-провайдер "Юг-Телеком" ӕввахс рӕстӕджы сног кӕндзӕн абоненттӕн смс-хъусинӕгтӕ, загъта Sputnik компанийы гендиректор Джиоты Эрна.
Иу къуыри раздӕр Хуссар Ирыстоны интернеты лӕггӕдтӕй пайдагӕнджытӕ нал истой смс-хъусинӕгтӕ сӕ интернеты хӕрдзтӕ бафидыны рӕстӕг кӕй ӕрцӕуы, науӕд та сӕ кӕй бафыстой, уый фӕдыл хъусинаг.
"Махӕн уыд проблемӕтӕ, фӕлӕ сӕ скъуыддзаг кӕнӕм ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы смс-хъусинӕгтӕ скусдзысты", - загъта Джиоты Эрна.
Интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы лӕггӕдтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъусинӕгтӕ куы нал истой, уӕд проблемӕ сбастой смс-ты ӕргътыл Мегафон Хуссар Ирыстон кӕй схӕцыд, уыимӕ. Фӕлӕ компанийы минӕвӕрттӕ сӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодтой, смс-ты ӕргътӕ амалиуӕгдартӕн раздӕрау сты ӕртӕ сомы, уӕлвӕткон уагдонӕн та ӕнӕаргъӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0