Ирон хъæбысæйхæцджытæ фæуæлахиз сты Поддубныйы Лигæйы

© Photo : МинсИрон хъæбысæйхæцджытæ фæуæлахиз сты Поддубныйы Лигæйы
Ирон хъæбысæйхæцджытæ фæуæлахиз сты Поддубныйы Лигæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Цæгатирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ æнтыстджынæй ралæууыдысты Поддубныйы Хъæбысæйхæцджыты æхсæнадæмон лигæйы турниры Бишкекы , хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Спорты министрады пресс-службæ
Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур æмæ Кодзырты Сергей.
Олимпийаг чемпион Сидахъты Зауырбек фæуæлахиз ис дунейы чемпионаты призер – ирайнаг Йонес Имамийыл.
Финалон тохы 86 кг уæзы категорийы 3:1 хыгъдæй рамбылдта Токиойы Олимпиадæйы бронзæйон призер Найфонты Артур.
Иннæ ирон спортсмен Кодзырты Сергей рамбылдта Азийы чемпион, дунейы чемпионаты призер Моджтаба Голейджойы.
Poddubny Wrestling League-ы æртыккаг турнир уæгъдибар, грекъаг-римаг æмæ сылгоймæгты хъæбысхæсты стъалыты хайадистимæ ацыд 20 декабры. Турнир уыд арæзт World Series форматы – дунейы хуыздæр хъæбысæйхæцджыты тохты изæр.
Ирон спортсментæ рамбылдтой 10 хорзæхы Æппæтуæрæсейаг турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Ирон спортсментæ рамбылдтой 10 хорзæхы Æппæтуæрæсейаг турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй
Ног хабӕртты лентӕ
0