Цхинвалы ацӕудзӕн ногазон турнир нардитӕй

Нардитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ног азы фыццаг бонты ацӕудзӕн турнир цыбыр нардитӕй, фехъусын кодта Sputnik спорты галуан "Олимп"-ы хистӕр Табуты Роберт.
Мадзалы организатор у паддзахадон уагдон "Спортивные сооружения".
"Ногазон турнир цыбыр нардитӕй ацӕудзӕн цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм январы республикон стадионы бӕстыхайы. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 50-70 хъазӕгмӕ. Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ райсдзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ хорзӕхтӕ", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ист цӕуынц куырдиӕттӕ.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг азты арӕх цӕуынц турниртӕ нардитӕй, спортивон мадзӕлттӕ бацӕттӕ кӕны горӕты спорт, фӕсивӕд ӕмӕ культурӕйы хайад. Фӕстаг ерыстӕ - Президенты кубок ацыд апрелы мӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0