УФ æфсæддонтæ дарддæр æхсынц Украинæйы æфсады удæгас тыхтæ æмæ бронетехникæ СÆО зонæйы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУФ æфсæддонтæ
УФ æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik. Уæрæсейаг æфсад дарддæр куынæг кæны знаджы удæгас тыхтæ æмæ бронетехникæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) алы здæхтыл дæр, хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Уæрæсейаг дæлхайæдтæ Купянскы здæхтыл скуынæг кодтой 60-йæ фылдæр украинæйаг æфсæддоны, дыууæ бронехæдтулгæйы æмæ æртæ пикапы. Уæрæсейы Гарзджын тыхты артиллери æмæ авиаци фехстой знаджы удæгас тыхты Красно-Лиманаг здæхтыл, цы ран украинæйаг æфсæдтæ фесæвтой 30 адæймаджы, иу танк æмæ фондз пикапы.
Донецкы здæхтыл дæр уæрæсейаг æфсæдтæн ис æнтыстытæ. Иу суткæмæ УФ Гарзджын тыхтæ скуынæг кодтой 80 украинæйаг æфсæддоны, иу танк, пехотæйы æртæ хæстон хæдтулгæйы æмæ цыппар хæдтулгæйы.
Уымæй дарддæр ма УФ æфсæдтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой зенитон-ракетон комплекс "Бук-М1", радиолакацион станц П-18, æртæ артиллерион системæ М-777 æмæ дыууæ æфстауцы хæстæрмæджытимæ æмæ фæсарæйнаг хæцæнгæрзтимæ.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 348 хӕдтӕхӕджы, 187 вертолеты, 2691 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 399 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7179 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 932 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3696 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7693 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0